Ираклий Къобахидзе - Æххæстгæнæг хицауадмæ ис æмбæлон план, цæмæй ларийы стабилондзинад рæвдз уа
Æххæстгæнæг хицауадмæ ис æмбæлон план, цæмæй ларийы стабилондзинад рæвдз уа, – уый фæдыл парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд фарстайы фæдыл хицауады уагъд цæуынц иудадзыг консультацитæ.
«Ларийы къурсмæ гæсгæ, хицауадæн, æххæстгæнæг хицауадимæ иу æнæаскуынгæ консультацитæ. Ис сæм план, кæцыйы руаджы срæвдз кæндзысты стабилондзинад æмæ уырнæг дæн, ацы нысанмæ баххæсдзыстæм», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Парламенты сæрдар къурсы æппæрццаг тенденциты аххосæгтыл дæр фæныхас кодта.
«Ис дзы бирæ аууæл æхсæнадæмон æмвæзадыл, кæцы бæрæг æппæрццаг тенденцитæ æвзæрын кæны, фæлæ уырнæг дæн, нæраст политикъæйы фæстиуæгæн стабилондзинад срæвдз кæндзыстæм. Афтæдæр мæм ныфс ис, цæмæй æхсæнадæмон тенденцитæ дæр нын пайдаджын уыдзысты»,- райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Фæстаг бонты мидæг лари цалдæр пунктæй сæнæаргъ ис. Националон Банчы официалон къурсæй, доллары аргъ у 2.5339 ларийы. Блумбергы терминалы фæстаг бæрæггæнæнтæй та, доллары къурс 2.6 ларимæ æххæссы.