Ираклий Къобахидзе – ацы аз дæр æххæстгонд æрцæудзæн  субсидитæ, цæмæй тыллæг æххæстæй æрæмбырд уа, фермертæ æмбæлон æфтиæгтæ райсой æмæ сæны промышленносты рæзты стабилон темптæ бахъахъхъæной.
Ираклий Къобахидзе – ацы аз дæр æххæстгонд æрцæудзæн субсидитæ, цæмæй тыллæг æххæстæй æрæмбырд уа, фермертæ æмбæлон æфтиæгтæ райсой æмæ сæны промышленносты рæзты стабилон темптæ бахъахъхъæной.

Тыллæгæн субсидитæ æххæстгонд æрцæудзысты ацы аз дæр, цæмæй тыллæг æххæстæй æрæмбырд уа æмæ фермертæ райсой æмбæлон æфтиаг, афтæ дæр сæны промышленностæн йæ бон уа фæстаг азты стабилон размæцыды темп бахъахъхъæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе расидтис хицауады æмбырды.

Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй бæстæйы афæдзæй-афæдзмæ рæзынц сæнæфсиры куыст æмæ сæндуæттæ, æмæ ацы къабазæн паддзахады æххуыс тынг стыр у.

«Паддзахады æххуысы фæстиуæгæн ныссагътой ног сæнæфсирдæттæ, арæзт æрцыдысты ног куыстуæттæ, арæзт æрцыд ног сæнæфсирдæтты кадастр, сæны хæрзхъæддзинад азæй-азмæ хуыздæр кæны. Ацы азты дæргъы экспортон базарты фæзуат тынг фæуæрæхдæр, æмæ сæны экспорт, сæны тыллæг æмæ, уымæ гæсгæ, сæны экспорт схызтысты рекордон æмвæзадмæ. Кусы агрокредитон æмæ агростраховкæйы системæ. Афæдзæй-афæдзмæ арæзт цæуы æппæт дæр, цæмæй ацы фадыджы рæзт уа. Уый тыххæй сæрмагонд бузныг алфæмблайы хъахъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрæн, министрадæн» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2024 азы сæнæфсиры прогнозгонд тыллæг у 300 мин тоннæйы бæрц.