Ираклий Къобахидзе – абон тынг принципон, æскъуыддзаггæнæг æвзæрст у, референдумы эквивалентон, цы ран бæстæйы размæцыды здæхт фæстагмæ хъуамæ æскъуыддзаг æрцæуа
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Вакъийы районы дыууын æвдæм участочы схъæлæс кодта.
Журналисттæн куыд радзырдта, афтæмæй уый у референдумы эквивалентон æвзæрстытæ, цы ран бæстæйы размæцыды здæхт хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа.
«Абон мах хъуамæ ноджы иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цæмæй ай у иттæг принципиалон, æскъуыддзаггæнæг æвзæрстытæ, референдумы эквивалентон æвзæрстытæ. Æвзæрстытæ 2012 азы æвзæрстытимæ æмхуызон, цыран ноджы иу хатт бæстæйы размæцыды здæхт фæстагмæ хъуамæ æрцæуа æскъуыддзаг. Уый у референдум хæст æмæ сабырады æхсæн, æнæгъдау пропагандæ æмæ традицион аргъдзинæдты æхсæн, ивгъуыд æмæ бæстæйы рухс фидæны æхсæн.
Уынут, ацы æвзæрстыты дыууæ политикон тыхы кæй архайынц. Иу фарс нын лæвар кæны алцыппæт, цæмæй ивгъуыдмæ хъуамæ ныууадзæм, æвзарджытæн лæвар кæнæм бæстæйы рухс фидæн, сабырад, экономикон размæцыд æмæ размæцыд бæстæйы алы æрдæм. Ис нæм оптимистон прогноз, хъæлæсты 60 проценты онг æнхъæлмæ кæсæм, уый фундаменталонæй нысаниуæгджын у, цæмæй бæстæ адарддæр кæна йæ стабилон æмæ сабырадон размæцыд» -расидтис Къобахидзе.
Къобахидзе æппæт политикон партитæм æрсидтис ЦÆК-ы бавдыст æнæравдысты фæстиуджытæ банымайой.