Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе АИШ-æм 3-аг февралы абалц кæндзæн – уый фæдыл журналисттæн Ираклий Къобахидзе фехъусын кодта.
Парламенты сæрдар, АИШ-ы иууыл бæрзонд æмвæзады фембæлдты иу къуырийы дæргъы араздзæн.
«Плангонд у мæ визит АИШ-æм, цы ран сырæздзæн бæрзонд æмвæзады фембæлдтæ Конгрессы. Афтæдæр плангонд сты фембæлдтæ æххæстгæнæг хицауады æмæ æндæр америкаг организациты минæвæрттимæ, кæцытæ Гуырдзыстоны демокративон тынгадæн хæцынц йæ фарс» – расидтис Ираклий Къобахидзе.