Ираклий Къобахидзе – 26-æм октябры уагъд æрцæудзæн æскъуыддзаггæнæг референдум, цыран сабырад хъуамæ фæуæлахиз уа хæстыл, сабырад æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн æмæ Гуырдзыстоны рухс, европон фидæн
Ираклий Къобахидзе – 26-æм октябры уагъд æрцæудзæн æскъуыддзаггæнæг референдум, цыран сабырад хъуамæ фæуæлахиз уа хæстыл, сабырад æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн æмæ Гуырдзыстоны рухс, европон фидæн

Нæ размæ лæууы сеппæтæй ахсджиагдæр парламентон æвзæрстытæ, кæцытæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ ницæмæй дæлдæр уыдзысты 2012 азы æвзæрстытæй, – райхъусын кодта йæ раныхасы рæстæджы «Гуырдзиаг Бæллиццы» æвзарæн штабы къухдариуæггæнæг, премьер-министр Ираклий Къобахидзе Амбролаурийы.

Уымæй уæлдай ма, премьер-министр хъусын кæны, цæмæй фæстаг 12 азы дæргъы, бæстæйæн уыд нысаниуæгджын æнтыстытæ.
«Æнæкæсгæ сеппæтæй уæззаудæр æркуырдтæм æмæ æндæвдадмæ, 12 азы дæргъы æнæкъуылымпыйæ сабырад бахъахъхъæдтам. «Гуырдзиаг бæллиц» у иунæг хицауад Гуырдзыстоны хæдбардзинад сног кæныны фæстæ, кæцыйы рæстæджы дæр бæстæйы хæст нæ уыд; Раздæр ныууагътам адæмы марыны, хъизæмар кæныны æмæ æнæадæймагон ахасты системон практикæ, бизнес ссæрибар ис, медиа ссæрибар, уагъд цæуынц сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæ; Гуырдзыстоны экономикæ сырæзт 28 миллиард ларийæ 80 миллиард ларийы онг. Уымæ гæсгæ паддзахадон бюджет дæр фæфылдæр æртæ хатты; «Гуырдзиаг бæллиц» хæххон регионты цæрæг цæрджытæн æнæпрецедентон æххуысы программæ райдыдта, кæцыйæ цыппар муниципалитеты дæр цæрджытæ бирæ азты дæргъы пайда кæнынц; Райдыдтой æппæтдунеон æнæниздзинад хъахъхъæныны программæ æмæ цалдæр хатты фæхуыздæр ис цæрæг адæмы социалон хъахъхъæнынады пакет; Фæндæгты, скъолаты, цæхæрадæтты æмæ æндæр инфраструктурон объектты арæзтады темп цалдæр хатты фæфылдæр; Спорты фадыджы дæр финанскæнынад цалдæр хатт фæфылдæр ис æмæ зонут, цас æнтыстытæ æрхастой гуырдзиаг спортсментæ нæ бæстæйæн, æмæ сын бузныг зæгъæм алы æнтыстæн дæр, кæцы нæ сæрыстырдзинады æнкъарæнæй байдзаг кодта. Хъæууон хæдзарадон программæтæ æрвылаз дæр финансгонд цæуынц 300 милуан ларийæ фылдæрæй, кæцытæ аграрон секторæн æрхастой стыр æнтыстытæ; Æгуыстдзинад фæкъаддæр æнæхъæн бæстæйы; Мæгуырдзинадæй фервæзтысты 700 мин адæймаджы онг; «Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнгдзинадмæ кандидат бæстæ ссис», – расидтис премьер-министр.
Хицауады сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны размæцыд хъуамæ адарддæр уа.
«26 у нæ бон æмæ 26-æм октябры сабырдзинад æмæ Гуырдзыстоны рухс, европон фидæн æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн. Гуырдзыстон æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн 26-æм октябры», – расидтис Къобахидзе.