Ираклий Кхобахидзе – абон нæ хъахъхъæнынады тыхтæ ноджы бæрзонддæр цæттæдзинадæй æмæ мотивацийæ, æнтыстджынæй дарддæр кæнынц  гуырдзиаг æфсады хæстон традицитæ æмæ хъал кæмæй  стæм уыцы бындариуæг
Ираклий Кхобахидзе – абон нæ хъахъхъæнынады тыхтæ ноджы бæрзонддæр цæттæдзинадæй æмæ мотивацийæ, æнтыстджынæй дарддæр кæнынц гуырдзиаг æфсады хæстон традицитæ æмæ хъал кæмæй стæм уыцы бындариуæг

Махæн приоритетон у  æфсады  цæттæдзинад  стынг кæнын, нырыккон хотыхтæй йæ сфитонг  кæнын  æмæ модернизацигонд  инфраструктурæ  срæвдз кæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр ираклий Къобахидзе  Вазианы, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты 33-æм  азысæрмæ нывонд бæрæгбойнон мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

Хицауады сæрдар куыд банысан кодта афтæмæй,   ацы фæндагыл  националон тыхархайдимæ иумæ, нысаниуæгджын у  æхсæнадæмон партнерад ноджы фæарфдæр кæнын.

«Бузныг дзурын нæ  партнертæн Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты  райрæзты æмæ стынг кæнынæн  бирæазон  аргъджын  фарсхæцыны тыххæй.   Нæ æмгуыстад афтæдæр  фидар бындур æвзæрын кæны  регионон  сабырады æмæ стабилондзинадæн, кæцы регионы  уæвæг   æдадсзинады  уавæрмæ  гæсгæйæ, сæрмагондæй нысаниуæгджын у.

Æхсызгон мын у, цæмæй абон нæ хъахъъхæнынады тыхтæ тынгдæр удцырын сты,  бæрзонд цæттæддзинажæй  æмæ мотивацийæ, æнтыстджынæй  дарддæр кæнынц гуырдзиаг æфсады хæстон  традицитæ  æмæ бындариуæг.

Ноджы и у хатт уын арфæ кæнын  хъахъæнынады тыхты юбилей æмæ уын  мæ зæрдæ  зæгъы  уæлахиздзинады  арфæтæ.  Уæлахиз уæнт Иугонд хæдбар Гуырдзыстон. Хуыцауæй фæдзæхст ут» -райхъусын кодта Къобахидзе.