Ираклий Кирцхалиа - цæрджыты æркуырд, иуæй- иу  минæвары ссæрибар кæнын контрпродуктивон уыдзæн, «Арф паддзахады» къухдариуæгæй евробюрократи та минæвæртты снысан кæныны фæдыл уынаффæтæ хæссы
Ираклий Кирцхалиа - цæрджыты æркуырд, иуæй- иу минæвары ссæрибар кæнын контрпродуктивон уыдзæн, «Арф паддзахады» къухдариуæгæй евробюрократи та минæвæртты снысан кæныны фæдыл уынаффæтæ хæссы

Гуырдзыстонмæ аккредитацигонд ныгуылæйнаг бæстæты минæвæртты, се æхсæн Европæ æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты архæйдтытæ ахызтысты æппæт дипломатон арæнтæй æмæ дзы ис бæрæг нысæнттæ паддзахады мидхъуыддæгты хъыгдарды тыххæй. Ахæм æнæдипломатон æмæ æнæхæлар ми уыцы паддзахадты минæвæртты æрдыгæй, кæцыты Гуырдзыстоны хæлæрттыл нымайæм, категорионæй æнæрайсгæ у – уый фæдыл парламентон фылдæры хайы лидер Ираклий Кирцхалиа брифингыл расидтис.
Кирцхалиайы расидæнмæ гæсгæ, уымæ æнæкæсгæйæ, «Гуырдзиаг бæллиц» быхсыны политикæ æххæст кæны æмæ бамбарын кодта, цæмæн сæхи хизынц карз æскъуыддзæгтæ райсынæй, се æхсæн конкретон бæстæйы минæвары ссæрибар кæнынæй.
Ираклий Кирцхалиайы ныхасмæ гæсгæ, «гуырдзиаг цæрджыты æркуырд уыцы кæнæ уыцы минæвары ссæрибар кæнын уыдзæн контрапродуктивон, уæдмæ та минæвæртты снысан кæныны фæдыл уынаффæ «Арф паддзахады» сæргълæудæй евробюрократи хæссы.
«Мах бирæ хатт расидтæм, цæмæй «Арф Паддзахады» æндæвдад ирдæй æнкъарæн ис Евроцæдисы структурæты абон, æмæ уыдонæн кусынц бирæ европæйаг бюрократтæ.Уымæ гæсгæ, цас вазыгджын у Европæйы абоны фоныл, цас стыр у уым «Арф Паддзахады» æндæвдад, куыд вазыгджын уавæры бирæ Евроцæдисы бæстæтæ æмæ, æмтгæй райсгæйæ, Евроцæдисы минæвæртты уагахаст ма хъуамæ уыдаит диссаг махæн, уымæн æмæ евробюрократийы кусынц растдæр уыцы бæстæты минæвæрттæй, кæцыты минæвæрттæ афтæ æнæфсармæй æмæ æнæдипломатонæй архайынц Гуырдзыстоны.
Æппæт уæлдæр ранымадгондтæ хынцгæйæ, бæрæг у, цæмæй гуырдзиаг цæрджыты æркуырд уыцы кæнæ уыцы минæвары ссæрибар кæныны фæдыл контрпродуктивон уыдзæн, уыцы рæстæджы, «Арф Паддзахады» къухдариуæггæнæг Евробюрократи минæвæртты снысан кæныны фæдыл уынаффæ кæны. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ нæ паддзахад бирæ азты дæргъы кæй аразы æмæ рæзын кæны амынд бæстæтимæ ахастытæ, уымæ гæсгæ, «Арф Паддзахады» къухдариуæггонд Евробюрократийæн нæ бауадздзыстæм минæвæртты æнæдипломатон архайдтыты тыххæй паддзахадты æмæ адæмты ‘хсæн ахастыты æмвæзадыл къухы бафтгæ фæстиуджытæ фехалын. Бæрæг у, цæмæй конкретон бæстæйы минæвары ссæрибар кæнын æркæндзæн къорд дипломативон змæлдмæ, кæцы негативонæй бандавдзæн Гуырдзыстон æмæ конкретон бæстæты æхсæн ахастытыл.
Уымæ гæсгæ, раджы уа æви фæстæдæр, «Арф паддзахады» æндæвдад Европæйы кæй фæлæмæгъдæр уыдзæн, кæцыйы нысæнттæ сабыргай рабæрæг вæййынц къорд бæстæты æмæ сæ цæрæг адæмы, ууыл бындуриуæггæнгæйæ, мах баззайæм иуфарсон хæлардзинады режимы, уымæн æмæ мах нымайæм, цæмæй ныртæккæйы уавæр у рæстæгмæ æмæ никæцы цауы хъуамæ уадзæм европæйаг минæвæртты кæнæ бюрократты хъусынгæнинæгтæ æмæ архайдтытæ партнердзинад æмæ хæларадон ахастытæ Евроцæдис æмæ Европæйаг бæстæтимæ. Хуымæтæгдæрæй зæгъгæйæ, мах баззайдзыстæм иувæрсыг хæлардзинады режимы, цалынмæ Европæ «Арф Паддзахады» æндæвдадæй ссæрибар уа, уæдмæ. Уыимæ иумæ алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй «Арф Паддзахады» æндæвдад Гуырдзыстонмæ ма ахæццæ уа, уымæн æмæ мах ныридæгæн иттæг хорз зонæм, цавæр фæстиуджытæ ис уый нæ бæстæйæн æмæ адæмæн. Уырны нæ, цæмæй растдæр ахæм ахастæй баххæсдзыстæм уыцы фæстиуæгмæ, кæцымæ тырнæм» – райхъусын кодта Ираклий Кирцхалиа.