Ираклий Кадагишвили – кæд украинаг фарс уыны, цæмæй Гуырдзыстонимæ ахастыты ног къахдзæф хъæуы саразын æмæ минæвар нысан кæны æмахастытæ сног кæнынæн, уæд мах райгонд стæм уыцы фактæй
Кæд æмæ æмахастытæ сног кæныны нысанæй, Украина æрвиты минæвары Гуырдзыстонмæ, уæд махæн уый æхсызгон у – уый фæдыл парламентон хæдуынаффæйы комитеты сæрдар Ираклий Кадагишвили расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, «Украинæйы президент бæстæйæ минæвары куы ахуыдта, уæд уый Гуырдзыстонæн æгаддзинад уыд».
«Æппæт минæвæрттæ ацыдысты Киевæй, Гуырдзыстоны минæварад æмæ минæвар та баззадысты бынатыл, нæдæр нæ тырыса æруагътой. Уый уыд нæ позици, фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы нæ позици уый дæр уыд, цæмæй нæ бон нæ уыд Уæрæсеимæ хæст райдайын. Цæстæнгас, кæцы Зеленскийæн æмæ бирæ æндæртæн уыд, цæмæй Гуырдзыстон хъуамæ суа дыккаг фронт, абон бæрæг у, цæмæй уый æрмæст зын реализаци нæу, фæлæ зæгъæн ис æмæ æнæрайсгæ у. Кæд æмæ Украинæйы фарс хъуамæ райса ног къахдзæф Гуырдзыстонимæ ахастыты, уæд райгонд стæм” – райхъусын кодта Кадагишвили.
Украинæйы президент Володимир Зеленский Гуырдзыстоны, Украинæйы ног минæвары снысан кæныны фæдыл уынаффæ бафыста. Указ, кæцы 26-æм январы рацыд, Михаил Бродович Гуырдзыстоны, Украинæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварæй снысан ис.