Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй, хицауады администрацийы ацыд экономикон советы рабадт
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй ацыд экономикон советы рабадт.
Фембæлды сæйраг æркæсинаг фарстатæ уыд цæугæ æмæ плангонд ставд инфраструктурон проекттæ, сæ нымæцы æфсæнвæндаджы модернизацийы, Анаклиайы æрфдойнон наулæууæны æмæ Гуырдзыстоны аэропорты рæзынады проекттæ.
Анаклиайы проектыл ныхасы рæстæджы банысан ис, цæмæй 2024 азы райдайдзæн денджызон арæзтадон куыстытæ. Ацы аз рабæрæг уыдзæн хицæн парнер, кæцыимæ бафыст уыдзæн концессийы бадзырд. 2024 азы Анаклиайы порты инфраструктурæйы арæзтад арæзтад райдайдзæн. Ацы этапыл активонæй цæуы инвесторы равзарыны процесс, кæцы паддзахадимæ æмхайадæй райтынг кæндзæн Анаклиайы æрфдойнон наулæууæны инфраструктурæ.
Гуырдзыстоны аэропортты рæзынады проекты тыххæй та Тбилисы ног æхсæнадæмон аэропорты проект сæххæст 2024 азæй райдайдзæн. Фарстайыл уынаффæйы рæстæджы бахахх ис, цæмæй нг аэропортæн уыдзæн транзитон-логистикон функци бæрзонд æмвæзады бæлццонон æмæ уæзласæн терминалтимæ, цæмæй гæнæн бауа цыфæнды асы æмæ типы куыд бæлццонон, афтæ уæзласæн уæлдæфон науты райсын æмæ сын балæггад кæнын.
Дзырд уыдис Телавы ног бæлццонон терминалы арæзтадыл, кæцы афæдзы мидæг 50 000-ы онг бæлццонæн балæггад кæндзæн. Планыл уынаффæйы рæстæджы банысан ис, цæмйæ æххæстæй ранæуæг уыдзæн æмæ 1700 метры онг ныддаргъ уыдзæн стæхæн-æрбадæн хахх, сырæздзæн нырыккон навигацион системæтæ æмæ арызт уыдзæн ног навигацион мæсыг, афтæма æнæхъæнæй ранæуæг уыдзæн аэропорты мид æмæ æддæ инфратсруктурæ, аырзт уыдзæн ног пакингы бынæттæ æмæ бæлццæттæн комортон тыгъдадтæ. Телавы аэропорт фыццаг бæлццæттæн 2024 азы сфысым кæндзæн. Фыццагон аргълæвæрдæй йæ райтынг кæнынæн хъæугæ инвестицийы бæрц у 25 милуан лари.
Хъусдард здæхт уыдис Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты плангонд мадзæлттæм æмæ бахахх ис, цæмæй арызт уыдзæн 3,5 км дæргъæн уæрæх стæхæн-æрбадæн хахх, кæцы бафæраздзæн кæцыфæнды асы уæлдæфон науæн балæггад кæнын, ратдзæн фылдæр авиарейсы райсты фадат, иурæстæгонæй сифтонг кæндзæн уæлдæфон науты оперирдзинад æнæкуылымпыйæ. Проектыл кусын хъуамæ фæуа 2023 азы декабры, цæй фæстæ дæр цыбырдæр æмгъуыдтæм райдайдзæн арæзтадон куыстытæ.
Хицауады уæнгтæ афтæдæр фæуынаффæ кодтой æфсæнвæндаджы модернизацийы проектыл. 2024 азы фæуыдзæн æфсæнвæдагон транспорты къабазы реформæ æмæ европаг моделы æфсæнвæндагон системæйы æрфилар, кæцы райрæзын æндзæн къабазы эффективондзинад, фæкъаддæр кæндзæн транспортацийы рæстæг æмæ хардзтæ, æрмæст æфсæнвæндаджы афдзæон уæзты зилдух райрæздзæнис 28 млн тоннæйæ -48 млн тоннæйы онг.
Ныхасы рæстæджы æркастысты ныгуылæн Гуырдзыстоны æрцæугæ стизийы фæстиуджытæ. Банысан ис цæмæй зиан деталонæй бахыгъд кæндзысты æмæ инфратсруктурæ цыбырдæр æмгуыдтæм сног уыдзæн. Ираклий Гъарибашвилийы дзырдæй, зæгхгæ иунæг бинонтæ дæр нæ баззайдзысты æнæ æххуыс.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауады администраци.