Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, паддзахад суыдзæн «Борджомы» заводы æмбардарæгæй
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ æнтыстджынæй ацыдысты бадзырдтæ «Борджомы» акционертимæ. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ паддзахад суыдзæн «Борджомы» заводы æмхицау.
Премьер, хицауады рабадтыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, алыг уыдзæн алы проблемæ, кæцы компани «Борджомæн» уыд кусджытæн фæткдæттыны, опериркæныны æрдгæй.
«Абон æнтыстджынæй фестæм бадзырдтæ, «Борджомы» акционертимæ æмæ нæ падздахад, Гуырдзыстоны хицауад суыдзæн акционер уыцы къорды, кæцы у «Борджомы» заводы хицау æмæ уый у æнæфидгæ бадзырд. Махмæ æнæфидгæ лæвæрд уыдзæн акцитæ æмæ уый фстæ нæ паддзахад суыдзхæн «борджомы» заводы, нæ национ исы, хицæуттæй сæ иу. Алы проблемæ, кæцы уыдис «Борджомæн» æмæ йæ кусджытæн фæткдæттыны, опериркæныны, функциониркæныны, уый æппæт алыг уыдзæн. Фæнысангонд фарстайыл æрныхас кодтам нæ æхсæнадæмон партнертимæ, уыдис нын консультацитæ Стыр Британийы. Фæнды мæ хаххгондæй банысан кæнын, цæмæй ацы бадзырд бафыст уыд æхсæнадæмон барады нормæтæм гæсгæйæ» – райхъусын кодта премьер.