Ираклий Гъарибашвили – уырны мæ, декабры нæ бæстæмæ лæвæрд уыдзæн статус, фæстагмæ сфидар уыдзæн Еврокомиссийы абоны уынаффæ
Уырны мæ, декабры нæ бæстæмæ уыдзæн лæвæрд статус, фæстагмæ сфидар уыдзæн Еврокомиссийы абоны уынаффæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили райхъусын кодта.
Гъарибашвилийы дзырдæй, зæгхгæ статус райстæй æндæр реалондзинадмæ хизы Гуырдзыстон.
Хъуыды йæ кæндзыстут, фарон тынг фыдæнхъæл уыдыстæм, уымæн æмæ Гуырдзыстонмæ нæ уыд лæвæрд кандидаты статус. Махæн уый уыд куылымпыгæнæг æмæ зæгъæн ис, риссаг факт, фæлæ абон стæм хъал. Уырны мæ, декабры, нæ бæстæмæ уыдзæн лæвæрд статус, фæстагмæ сифдар уыдзæн абоны уынаффæ, зæгъæн ис нæ бæстæ бахиздзæн æндæр реалондзинадмæ. Евроинтеграцийы фæндагыл, уый æцæгдæр тынг егъау размæ арызт къахдзæф у», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.
Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, кæд искæцы хицауад, хицаугæнæг исты рахатинаг сарызта Евроинтеграцийы фæндагыл, уæд ахæм у «Картули Оцнеба».
Еврокомисси рекомендацийæ баздæхт Европаг Советмæ, Гуырдзыстонæн Евроцæдисы кандидат бæстæйы статус раттыны фæдыл.