Ираклий Гъарибашвили – уыдтæн Мюнхены, уæззау уавæр ис, нæ зонынц, кæд фæуыдзæн хæст, афтæмæй, хъуамæ адарддæр кæнæм уыцы интерестæ хъахъхъæнын, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты нæ адæмæн æмæ нæ бæстæйæн
Æндæр къахдзæфтæ куы сарызтаиккам, уæд ницы экономикон фарныл абон дзырд дæр нæ уыдаит – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Премьер Мюнхены ацæугæ æдасдзинады конференцийы тыххæй дæр радзырдта æмæ банысан кодта, цæмæй уæззау уавæр ис æмæ бæрæг нæу, кæд фæуыдзæн хæст Украинайы.
«Фæнды мæ нæ дзыллæйæн ноджы иу хатт зæгъон, хаххгондæй банысан кæнон, цæмæй куыд стыр нысаниуæг ис нæ политикæйæн, алцыппæт баст у æдасдзинадимæ, нæ бæстæйы националон интерестимæ. Мах æндæр къæхдзæфтæ куы сарызтаиккам, уæд ницы эконмоикон дзæбæхдзинадыл дзырд дæр нæ уыдаит, дзæбæх æмбарæм. Зондзыстут, уыдтæм Мюнхены, федтам цæмæй тынг уæззау уавæр ис, рацæуæн нæ зыны, нæ зонынц, кæд фæуыдзæн хæст Украинайы. Ацы уавæры бынтон нæ зыны рацæуæн. Афтæмæй хъуамæ адарддæр кæнæм нæ бæстæйы националон интерестæ хъахъхъæнын æмæ ацы интерестæ ауадзын, кæцытæ æрмæст нæ адæмæн æмæ бæстæйæн сты æнæмæнгхъæугæ» – загхта Ираклий Гъарибашвили.