Ираклий Гъарибашвили - Уæрæсейы æрдгæй Донецк æмæ Луганскы банымад у æхсæнадæмон барады фундаментон принципты ныхмæ радон къахдзæф æмæ хъыгагæн, фæлхатт кæны 2008 азы Гуырдзыстоны территориты оккупаци
Уæрæсейы æрдгæй Донецк æмæ Луганскы банымад у æхсæнадæмон барады фундаментон принципты ныхмæ радон къахдзæф æмæ, хъыгагæн, фæлхатт кæны 2008 азы Гуырдзыстоны территориты оккупаци, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фыссы «Твиттеры».
«Хъæддых йæ фарс хæцæм Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн», – фыссы гуырдзыстоны премьер-министр.
Уæрæсе Донецкы æмæ Лугансы а.х. адæмон республикæты хæдбарад банымадта. Фæнысангонд уынаффæйы фæдыл Уæрæсейы президент, Владимир Путин æдасдзыинады советы рабадты фæстæ сидты рæстæджы райхъусын кодта.