Ираклий Гъарибашвили – стыр оптимизмæй  æнхъæлмæ кæсын  кандидаты статусы фæды 8 ноябры, стæй та декабры уынаффæмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, алцыппæт тынг дзæбæх уыдзæн
Ираклий Гъарибашвили – стыр оптимизмæй æнхъæлмæ кæсын кандидаты статусы фæды 8 ноябры, стæй та декабры уынаффæмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, алцыппæт тынг дзæбæх уыдзæн

Нæ мæ фæнды фæзынды размæ исты зæгъын, фæлæ м æзæрдыл бадардзынæн  нæ арызт  хъуыддæгтæ. Дунейы  сырæзт  геополитикон уавæр,  сьыо оптимизмæй æнъ\æлмæ кæсын  нырма 8 ноябры, стæй та  декабры  уынаффæмæ- уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр ираклий Гъарибашвили  райхъусын кодта.

Премьеры дзырдæй, цас гæнæн уыдис, Гуырдзыстон  максималонæй  цыбыр æмгъуыдтæм  сыххæст кодта  Евроцæдисы   рекомендацитæ.

Гъарбиашвилийы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны  хицауад иудадзыг координацийы ис  европаг   хæлæрттимæ æмæ коллегæтимæ.

«Знон  мын уыдис  тынг цымидисон фембæлд   комиссар Варейимæ. Фæнды мæ банысан кæнын,  цæмæй  сæрмагондæй мæхæдæг, нæ хицауад  тынг   арфæгæнæг стæм комиссар  Вархейæ, кæцы у иуæй-иу сегасдæр  æргом, фидар фрасхæцæг  нæ бæстæйы евроинтеграцийæн æмæ уымæн цæмæй нæ бæстæмæ лæвæрд уа  кандидаты статус. Ме рвитæггаг  у  хуымæтæг. Æз кæддриддæр  дзурын  цæмæй  аккаг стæм статус райсын, нæ адæм, нæ хицауад, уымæнæмæ   максимум сарыдтам цыбырдæр æмгхуыдтæм.  Кæй зæгъын æй хъæуы  ситуаци  тынг  вазыгджн у æнæхъæнæй рдунейы, Украинайы хæстæй уæлдай ма  уавæр тынг фæкарз ис  Æввахс Скæсæны, уый æппæтæ та  уыдзæн  сæ  фстиуджытæ  нæ  регионыл, æнæъ\æнæй дунейыл. Уый тыххæй дæр  ахæм уавæр  хъуамæ слæууæм   фидарæй,  адарддæ кæнæм реформæтæ.  Нæ  европаг коллегæтæн   загътон, цæмæй   статусы  раттыны  цауы  адарддæр кæндзыстæм  ацы  реформæтæ, координацидзинад  европæгтимæ.  Хъуыды кæнын,  алцыппæт уыдзæн тынг дзæбæх, фæлæ хъуамæ банхъæлмæ кæсæи    æмæ кæронбæттæн уынаффæ  уыдзæн бæрæг», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.