Ираклий Гъарибашвили -Саломе Зурабишвилийы фидиуæн мæнæн æнæрайсгæ у
Ираклий Гъарибашвили -Саломе Зурабишвилийы фидиуæн мæнæн æнæрайсгæ у
Гуырдзийаг æфсад у тыхджын æмæ махæн ис хъæбатыр æфсæддæттæ, – афтæ рахъæлæба ис Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады минстр Ираклий Гъарибашвили Гуырдызстоны президенты фидиуæны фæдыл, кæцы уый знон сарæзта.
Ираклий Гъарибашвилийы бæлвырдмæ гæсгæ, Саломе Зурабишвилийы фидиуæн категорионæй æнæрайсгæ у.
Гуырдызстоны президент Саломе Зурабишвили знон рухсады бæрнонтимæ фембæлдыл ныхасæй рацыд. Президент банысан кодта, цæмæй фæсарæны Гуырдызстоны бирæ зындгонд ис æмæ гуырдзийаг культурайы фæсарæнмæ ахасты уыдон дæр хъуамæ уой баст. “Махæн нæдæр æфсад ис æмæ нæдæр хæцæнгарз, нæдæр экономикон потенциал, фæлæ нæм ис тынг тыхджын хæцæнгарз -культурæ, рухсад æмæ зонынад”, -расидтис президент.