Ираклий Гъарибашвили – прокуратурæйы системæйы райрæзт æнæивгæ приоритет у, нæ рæстæджы прокуратурæйы хæдбарад бæстæйы бæрзонддæр  закъонæй,  конституцийæ æрцыд нымад
Ираклий Гъарибашвили – прокуратурæйы системæйы райрæзт æнæивгæ приоритет у, нæ рæстæджы прокуратурæйы хæдбарад бæстæйы бæрзонддæр закъонæй, конституцийæ æрцыд нымад

Мæнæн  стыр кад  у  æмæ райгонд стæм, цæмæй  фыццаг   хатт фысым кæнæм   прокуррорты æхсæнадæмон  ассоциацийы  афæдзон  27-æм  конференцийæн æмæ генералон   фембæлдæн Гуырдзыстоны- уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили  прокуррорты  æхсæнадæмон   27-æм  афæдзон конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæгы  дзырдæй, прокуратурæйы системæйы райрæзт   хицауадмæ æрбацдыдыс бонæй   хицауады  æнæивгæ приоритет у.

Премьеры фидиуæнæй,  зæгъгæ глобалон  ивддзинæдтæ  ног   быцæусидты  раз  слæууын кодтой  бæстæты.

«Коронавирусы пандемийæ   сæвзæргæ   зындзинæдты, ныр  та  Украинайы  хæст, Европæйы континентыл  хæстон архæйдтытæй  цæугæ тасы, афтæма  цифрон   трансформациимæ баст   фыдракæнды, сæ нымæцы  криптовалютæйы фæрцы  æхца ссурс кæныны  кæнæ киберфыдракæнды  рæзгæ  масштабты  ныхмæ, бæрæг у,  цæмæй дуне абон  ранæуæгы  вазыгджын процессы ис;  бирæ рæстагдæр, демократон, сабырадон æхсæнадæмон дзыллæйы арæзтады   барадхъахъъхæнæг  оргæнты куыстæн  сæрмагонд  нысаниуæг ис, фæнды националон æмвæзадыл æмæ фæнды  æхсæнадæмон партнерады фæлгæтты.  Прокуратурæйы    системæйы райрæзт, нæ балы  хицауадмæ рбацыды фæстæ  æнæивгæ приоритет у», –   райхъусын кодта Гъарибашвили.

Гуырдзыстоны  æмæ Гуырдзыстоны прокуратурæйы историйы, Тбилис æрвылазон  конференцийæн фыццаг хатт фысым кæны. Прокуррорты æхсæнадæмон ассоциаци (IAP) 1995  азы уыд бындурæвæрд æмæ  ассоциацийы уæнгтæ сты 183 прокуратурæйы оргæн 177 бæстæйæ.