Ираклий Гъарибашвили - Оппозицийæн радон састимæ бафидауын тынг зын уыдис, фæлæ дын адæм аст хатт нæзагъд куы ракæнынц æмæ æвзæрстытæ амбулыс, уый бирæ нысан кæны æмæ сын вæццæгæн хъуамæ уый бауа радон зонамонæнæй
Оппозицийæн радон састимæ бафидауын тынг зын уыдис, фæлæ адæм сын аст хатты нæйы зæгъгæ куы зæгъынц æмæ æвзæрстыты саст бавзарынц, уый бирæ нысан кæны æмæ æвæццæгæн сын хъуамæ уа радон зондамонæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæстæйæн ныр ис æртæ азы, сабырадон рæзынæн.
«Дзæбæх æмбарæм, цæмæй оппозицийæн тынг зын райсинаг уыд радон саст, фæлæ дын адæм аст хатт нæзагъд куы ракæнынц æмæ æвзæрстытæ амбулыс, уый бирæ нысан кæны æмæ сын вæццæгæн хъуамæ уый бауа радон зонамонæнæй.
Ныр нын ис æртæ азы, сабырадон рæзыны период. Ноджы иу хатт мæ фæнды алкæмæй ракурын, уый нымæцы оппозицицæ дæр, цæмæй уый дзæбæх бамбарæт. Афон у, сæрмагонд, уынгæгпартион интерестæ ма слæууын кæнæм бæстæйы интерестæй бæрзонддæр. Махæн сæйраг хъуамæ уа паддзахады, адæмы интерестæ. Уый тыххæй дæр, кæд оппозицийы фæнды хъуыддагыл реалон дебаттæ, уымæн бынат у парламент. Мах, министрты кабинет æххæстæй, цæттæ стæм конструктивон режимы æмкуыст кæнынмæ оппозициимæ дæр, уымæн æмæ ай у нæ иумæйаг бæстæ. Нæ уæлахиздзинад у иумæйаг уæлахиздзинад», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.