Ираклий Гъарибашвили – нæ хицауад иудадзыг бæлвырд кæны адæймаджы барты хъахъхъæдады хæсистимæ иузæрдыгдзинад
Абон адæймаджы барты хахъхъæды æппæтадæмон декларацийы райстæй 75 азысæр у, нæ хицауады нысан у, сараза æмæ хицауады алы къалиуты, паддзахадон уагдæтты æмæ интересджын фарсыты æмарайдæй иудадзыг райтынг кæна механизмтæ, кæцытæ ифтонг кæнынц адæймаджы барты æмæ сæрибардзинæдты эффективон хъахъхъæдад, – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны премьер-министры, Ираклий Гарибашвилийы фидиуæны.
Йе æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, адæймаджы барты уавæр фæхуыздæр кæнынæн, ивгъуыд азы 5 сентябры хицауад сразы ис, æрмæст 2023 азы 23 марты парламент сфидар кодта адæймаджы барты хъахъхъæды националон стратеги. Уый æвзæрын кæны иумæйаг фæлгæт бæстæйы адæймаджы бындурон барты æмæ сæрибардзинæдты националон системæты æмæ институцион демократи стынг кæнынæн.
«Нæ хицауа иудадзыг бæлвырд кæны адæймаджы барты æмæ бындурон сæрибардзинæдты хъахъхъæдады хæсистмæ иузæрдыгдзинад, кæцы йæ хъуыдыйы дары системон, фæдфæдон æмæ дæргъвæтин политикæйы бакуыст æмæ сæххæст.
Адæймаджы барты хъахъхъæды æмæ демократийы сифидар кæнынæн тыхархайд нæ æввахсдæр кæны Европаг бинонтимæ.
Адæмы æмæ хицауады æмархайдæй Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн партнерад æнæфæзилгæйæ тынг кæны. Абон нырид рахатинаг сты конкретон фæстиуджытæ, цахæмдæр сты ассоциацидзнады бадзырд, æнæвизæ дыууæрдæм змæлды режим, ивгъуыд азы хаст Европаг перспективæ æмæ амæйразмæ – Еврокомисиийы æмбаргæ æмæ зондджын уынаффæ кандидаты статусы фæдыл.
Ацы фæндаг бонæй-бон нæ хæстæгдæр кæны æппынфæстаг нысанмæ – Гуырдзыстоны æххæст интеграцимæ Евроцæдисмæ», – банысангонд у Ираклий Гъарибашвилйиы фидиуæны.