Ираклий Гъарибашвили – нæ фадæтты фæлгæтты, алцыппæт аразæм, цæмæй политикон æмæ гуманитаронæй баххуыс уæм Украинайæн æмæ украинаг адæмæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ суверенон паддзахадмæ бырст, æфсæддон архæйдтытæ, нæрайсгæ сты. Уый Украинайæн солидарондзинады тыххæй зæгъын бахъавыд.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, абон Украинайы цы цæуы, уый у стыр трагеди. Ацы хæстæй, кæцыйæ хиаиуварс кæнын нæ бантыст, сегасдæр фылдæр зиан ййафы йæхæдæг Украина, куыд паддзахад, йæ суверенитет, йæ территорион æнæхъæндзинад æмæ украинаг адæм, украинаг æфсæддæттæ. Уый тыххæй дæр, цæй зæгъын æй хъæуы хæст рæсты кæнын гæнæн нæй. Мах уый æппæт нæхиуыл бавзæрстам 2008 азы, хъыгагæн, куы нæ бантысти хиаиуварс кæнын 2008 азы августы трагикон фæзындтæй, кæцы тынг уæззау фæстиуæг æрхаста нæ бæстæйæн. Уый тыххæй дæр мæ фæнды зæгъын, цæмæй хæст алкæмæн нæрайсгæ у, иу фарсмæ дæр нæ вæййы уæлахизгонд, уымæн æмæ зиан ййафынц алы фарсæй дæр. Фæнды мæ ноджы иу хатт не рдгæй сбæлвырд кæнон нæ солидарондзинад æмæ æхсæнадæмон æмгарадæй ракурон, цæмæй алцыппæт саразой, Украинайы ацы хæстон архæйдтæ фæуромынæн», – загъта Гуырдзыстоны премьер.