Ираклий Гъарибашвили – кусæм, цæмæй æфхæрд æрцæуой нæ æмбæстæгты цардæн хæссæг ахосджынтæ, æссæрибар уой æнæзаконон ахстгондтæ, се æхсæн Заза Гахеладзе æмæ Ираклий Бабуа
Ираклий Гъарибашвили –кусæм, цæмæй æфхæрд æрцæуой нæ æмбæстæгты цардæн хæссæг ахосджынтæ, æссæрибар уой æнæзаконон ахстгондтæ, се æхсæн Заза Гахеладзе æмæ Ираклий Бабуа.
Æппæтдунеон бæрзæндыл тыхджын кæны фарсылхæцындзинад окупацийы ныхмæ , тынг эффектонæй кусæм, цæмæй æфхæрд æрцæуой нæ æмбæстæгты цардæн хæссæг ахосджынтæ, æссæрибар уой æнæзаконон ахстгондтæ, се æхсæн Заза Гахеладзе æмæ Ираклий Бабуа, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили парламенты афæдзон хаццæгы бавдысты рæстæджы расидтис.
Окупацигонд регионты цæрджытæ нæ æмбæстæгтæ сты æмæ уыдонæн лæггад кæнын нæ бæрн у. Пандемийы периоды, нæ партнертимæ иумæ æндæр æмæ æндæр къуымæй æххуыс кодтам, уыд æрвыст 4 милаун ларийы бæрц медицинон ифтонгад, медикаменттæ, вакцинæтæ. Схос кодтам 1 500 онг адæймагæн.