Ираклий Гъарибашвили - хъуамæ фæуæлахиз уæм, цæмæй нæ бæстæ адаргъ кæна сабырадон размæцыд, дыкгаг фронты раргъæвды тæссагдзинад нырма ис, æнæмæнг у нæ бæстæ сабырады уа
Ираклий Гъарибашвили - хъуамæ фæуæлахиз уæм, цæмæй нæ бæстæ адаргъ кæна сабырадон размæцыд, дыкгаг фронты раргъæвды тæссагдзинад нырма ис, æнæмæнг у нæ бæстæ сабырады уа

Тынг хорз фембæлд уыд Гуриайы. Фембæлдтæн партийы активыл, нæ къорды уæнгтыл. Алы регионмæ цæуæм, цæмæй бацæттæ кæнæм парти æвзæрстытæм. Ацы æвзæрстытæ мах хъуамæ рамбулæм, – уый фæдыл «Гуырдзийаг бæллицы» сæрдар Ираклий Гъарибашвили расидтис.

Гъарибашвилийы ныхасмæ гæсгæ, хицаугæнæг къорды фæндон у, цæмæй райса конституцион фылдæры хай.

«Мах хъуамæ фæуæлахиз уæм, цæмæй нæ бæстæ адаргъ кæна сабырадон размæцыд, дыккаг фронты раргъæвды тæссагдзинад нырма ис, æнæмæнг у нæ бæстæ сабырады уа. Фембæлдтæн партийы активыл, нæ къорды уæнгтыл. Алы регионмæ цæуæм, цæмæй бацæттæ кæнæм парти æвзæрстытæм. Ацы æвзæрстытæ мах хъуамæ рамбулæм, хицаугæнæг къорды фæндон у, цæмæй райса конституцион фылдæры хай», – расидтис Гъарибашвили.