Ираклий Гъарибашвили – Хæлардзинады хид, кæцы иумæ сарызтам, Сомихыстон-Гуырдзыстоны æмгуыстад æмæ хæлардзинад æвдисы
Хæлардзинады хид, кæцыйы иумæ сарызтам, Сомихыстон-Гуырдызстоны æмгуыстад æмæ хæлардзинад æвдисы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстон-Сомихыстоны арæнгæрон, цæугæдон Дебедайыл ног автомобилон хиды байгомы мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта, кæцыйы афтæдæр хайад иста Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян.
Гъарибашвилийы дзырдæй, зæгъгæ дыууæ паддзахады территорийыл арызт нырыккон стандартты æмæ параметрты, 160 метры дæргъæн цыппар хаххджын хид, регионы уникалон проект у. Проект сыххæст ис Евробанкы æмбфинансдзинадæй. Банк проектæн рауæлдай кодта 7 милуан евройæ фылдæр.
«Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй хид æнæрмæст Сомихыстоны, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æмæ уазджытæн уыдзæн пайдаджын, фæлæ ма уый стратегион нысаниуæг исы куыд хурыскæсæн-хурныгуылæны æхсæнадæмон магистралы нысаниуæгджын хай.
Дыууæ паддзахады территорийы уæвæг, иумæйагæй арызт, нырыккон стандартты æмæ параметрты, 160 метры дæргъæн цыппархахджын хид Регионы уникалон проект у. Йæ эксплуатацимæ бацыды фæстиуæгæн, фæдывæр уыдзæн арæныл транспорты змæлд, фæхуыздæр уыдзæн фæндагон æдадсзинады гъæд, куыд дыууæ бæстæйы æмбæстæгтæн æмæ уазджытæн афтæ транзитон автотранспортæн. Уый та йæхи æрдгæй, ахъаззаг уыдзæн базарадон æмæ экономикон ахастытæ ноджы стынг кæнынæн», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.