Ираклий Гъарибашвили  Катары  бæрзонд рангы экономикон форуммæ  араст ис
Ираклий Гъарибашвили Катары бæрзонд рангы экономикон форуммæ араст ис

Премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Катары  æрвылазон  экономикон  форумы райсдзæн хайад.  Премьер-министры  прес-куысты  информацийæ,   форумы хайад райсынмæ  Гуырдзыстоны  делегаци Ираклий Гъарибашвилийы  къхудариуæгæй абон  ацыд.

«Плангонд у   премьер-министры дыууæфарсон , бæрзонд рангы фембæлдтæ.  Визиты фæлгæтты афтæдæр плангонд у  Гуырдзыстоны  премьер-министры  дзырдæй ралæуд  æмбæлгæ  пленарон  дискуссийыл.

Гуырдзыстоны   делегацийы сконды сты  вице-премьер, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ  райрæзты  министр  Леван давиташвили, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили,  хицауады  администрацийы  хистæр  Реваз  Джавелидзе  æмæ Ачъарайы  автономион   республикæйы   сæргълæууæг  Торнике Рижвадзе», – банысангонд у  Гуырдзыстоны премьер-министры  пресс-куысты  информацийы.