Ираклий Гъарибашвили Катары æрвылазон  экономикон форумы райсдзæн хайад
Ираклий Гъарибашвили Катары æрвылазон экономикон форумы райсдзæн хайад

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили делегациимæ иумæ  Катармæ  абалц кодта, цы ран  бæрзонд  æмвæзадыл æрвылазон экономикон   форумы  райсдзæн хайад.

Гуырдзыстоны  хицауады администрацийы  хъусинагæй,   форум Катары   Эмиры патронажæй  æмæ «Bloomberg»-ы организацигондæй  цæуы.

«Ираклий Гъарибашвили   эконмоикон форумы фæлгæтты  уагъд   æмбæлгæ   панелон   дискуссийыл   дзырдæй  ралдæудзæн.   Визиты фæлгæтты  плангонд сты  дыууæфарсон фембæлдтæ.   Делегацийы   сконды, кæцыйæн къухдариуæг кæны   хицауады сæрдар, сты: вице-пермьер, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министр Леван Давиташвили, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили æмæ  хицауады администрацийы  хистæр Реваз Джавелидзе», – дзырдæуы   информацийы.