Ираклий Гъарибашвили –Кахеты магистралы балцы рæстæг фердæг кæндзæн, 10-азон планмæ гæсгæ, Кахеты фæндагон инфраструктурайы размæцыд дыууæ миллиард лари бахардз уыдзæн
Ираклий Гъарибашвили –Кахеты магистралы балцы рæстæг фердæг кæндзæн, 10-азон планмæ гæсгæ, Кахеты фæндагон инфраструктурайы размæцыд дыууæ миллиард лари бахардз уыдзæн
Фæндагыл æдасдзинады фæбæрзондимæ иумæ, Кахеты магистралы балцы рæстæг фердæг кæндзæн –уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Тбилис- Сагареджойы автобаныл расидтис, кæцыйы регионалон размæцыд æмæ инфраструктурайы министр Ираклий Карселадзеимæ иумæ 35 –километрон фæндагы хайы куыстытимæ базонгæ ис.
Премьер-министр банысан кодта, цæмæй хицауады 10-азон планмæ гæсгæ, Кахеты фæндагон инфраструктурайы размæцыд дыууæ миллиард лари бахардз уыдзæн.
Автобаны аргъ æнæхъæнæй 527 миллиард ларийæ фылдæр у.
Кахеты, фæндгон инфраструкутрайы амад, реабилитацийы фæлгæтты æнæхъæнæй 61 милуан ларийы бæрц 18 проект æххæст кæны, кæцы 65 километр фæндагы æмæ иу хиды реаблилитаци, афтæ дæр фараст фæндагуæл проект дары йæ зæрдыл.