Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Израилы паддзахадмæ фæуазæг уыдзæн. Уый фæдыл хъусын кæны хицауады администрацийы пресс-куыст.
Сæ информацийæ, хицауады сæргълæууæгы визит Израилы паддзахадмæ официалонæй 30 майы, Израилы паддзахады премьер-министр Нафтали Беннетимæ фембæлдæй райдайдзæн. Уымæй дарддæр ма плангонд у æндæр бæрзонд рангы фембæлдтæ ауадзын дæр.
Визиты фæлгæтты Ираклий Гъарибашвили дидингуытæ сывæрдзæн Холокосты амæттæгты меомриалыл. Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæгæн патриархаты сфысым кæндзæн Йерсулемы Патриарх Феофил III.