Ираклий Гъарибашвили Иорданийы паддзахы, Цардæттæгы аргъуыды ранмæ хæстæг Гуырдзыстонæн зæххы фадыг ралæвæрды тыххæй, бузныгы нысанæн схорзæхджын кодта Сыгъзæрин Фысдзармы орденæй
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Иорданийы Хашимитон падздахады падзах Абдала II—ы Сыгъдæг Зæххыл, Цардæттæгы аргъуыды ранмæ хæстæг Гуырдзыстонæн зæххы фадыг ралæвæрды тыххæй, арфæйы нысанæн, Гуырдзыстоны номæй Сыгъзæрин Фысдзармы орденæй схорзæхджын кодта.
Гуырдзыстоны хицауады пресс-куысты информацийæ, Ираклий Гъарибашвили падзах Абдала II-имæ Ийорданийы Хашимитон паддзахадмæ визиты фæлгæтты фембæлдис æмæ йын Царддæттæгы аргъуыды бынатмæ хæстæг 4 000 квадратон метры зæххы фадыгы радæттыны тыххæй раарфæ кодта.
Премьер-министр банысан кодта, цæмæй Сыгъдæг зæххыл Гуырдзыстонæн лæвæрд зæххы фадыгыл гуырдзиаг культурæйы центры арæзтад, ахъаззаг уыдзæн дыууæ бæстæйы æхсæн хæларады æмæ æмкуыстад фæарфдæр кæнынæн æмæ гуырдзиаг æмæ иорданийаг адæмты историон бындарады фæдыл зонындзинад сбæрзонддæр кæнынæн.
Хицауады сæргълæууæг райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Иорданийы хашимитон паддзахады æхсæн бастдзинад фæарфдæры ног этапыл ис.
«Фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны æмæ Иорданийы Хашимитон Падзахады æхсæн уæвæг бæрзонд æмвæзады æмгуыстад æмæ разагъд уыд уæвæг æмгуыстады ноджы фæарфдæр кæнынмæ цæттæдзинад. Ныхас уыд дыууæ сыхаг регионы уæвæг æдадсзинады уавæрыл. Премьер-министр банысан кодта, цæмæй Иорданийы Хашимитон Падздахад, кастæуы куыд иуæй-иу сеппæтæй стабилон æмæ æлхынъаг бæстæ, кæцы ифтонг кæны сабырдзинад æмæ æдасдзинады Æввахс Скæсæны регионы. Хицауады сæргълæууæг бахахх кодта Æввахс Скæсæны фарстаты политикон скуыддзæгтæ райсты процессы падзах Абдалайы сæрмагонд роль æмæ Арабаг бæстæтимæ историон цæдистæ сног кæныны нысаниуæгыл фæныхас кодта.
Хицауады сæргълæууæг Иорданийы Хашимитон Паддзахады паддзах Абдалла Дыккагæн раарфæ кодта Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн хъæддых фарс хæцыны тыххæй æмæ йæ уымæн рæувадат рæстæджы Гуырдзыстонмæ фæхуыдта» – дзырдæуы официалон информацийы.