Ираклий Гъарибашвили - Интересджын стæм, регионы уа сабырдзинад æмæ стабилондзинад
Интересджын стæм цæмæй регионы уа сабырдзинад æмæ стабилондзинад, Гуырдзыстон кæддæриддæр мотивиргонд у ацы процессы сыххæст кæна иуæй-иу нысаниуæгджын роль – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæнхицауадон экономикон комиссийы рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн ахастытæ бæрзонддæр æмвæзадыл сты æмæ банысан кодта, ома Гуырдзыстон кæддæриддæр цæттæ у хайбавæрд скæнын регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинад рапарахаты хъуыддаджы.
«Интересджын стæм, не хсæн уæвæг тынг æнгом, хæлар æмгуыстад ныридæгæн конвертацигонд суа реалон хъуыддæгтæм. Хъуамæ рапарахат кæнæм базарадон, экономикон ахастытæ, ныхас кæнæм регионон проекттыл, инфрструктурæйыл, æндæр проекттыл, кæцы цымидисон уыдзæн бæстæйæн æмæ растдæр ацы мотивæй æрымбырд стæм абон» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.