Ираклий Гъарибашвили ИНО-ы генералон ассамблейы   фæлгæтты  официалон  фембæлдтæ  ауадздзæн
Ираклий Гъарибашвили ИНО-ы генералон ассамблейы фæлгæтты официалон фембæлдтæ ауадздзæн

ИНО-ы  абон   генералон ассамблейы 76-æм сессийы   генералон дебаттæ  байгом уыдзæн.  Бæрзонд æмвæзады  къуырионы байгомыл уыдзæн Гуырдзыстоны делегаци  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы   къухдариуæгæй, кæцы нырид Нью-Йоркы  уæвы.

Генералон дебатты  райдайæн  сессийы  хайадисджыты раз дзырдæй ралæудзысты ИНОйы  генералон нымæрдар, генералон ассамблейы  преиздент, АИШ-ы  президент Джозеф Байден  æмæ æндæр лидертæ.

Гуырдзыстоны  хицауады  сæргълæууæгы  дзырдæй рацыд генералон ассамблейы  сессийы  24 сентябрмæ  у нысангонд.

Абон Ираклий Гъарибашвили  бирæ  дыууæфарсон   фембæлдтæ  ауадздзæн  æндæр æмæ æндæр паддзахадты  лидертимæ, афтæма хайад райсдзæн параллелон  мадзæлтты, кæцытæ уагъд цæуынц  ИНО-ы генералон ассамблейы  76-æм сессийы  фæлгæтты.

Гуырдзыстоны делегацийы,  кæцыйæн  премьер-министр къухдариуæг кæны, вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты  министр  Давит Залкалиани, ахуырады æмæ  зонæдты министр Михеил Чхенкели æмæ хицауады  администрацийы хистæр  Илиа Дарчиашвили  сты.