Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадты райсдзæн хайад
Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадты райсдзæн хайад

6 сентябры, Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Гуырдзыстон-Евроцæдисы  ассоциацидзинады  советы 7-æм рабадты  райсдзæн   хайад.

Хицауадон  делегаци,  хицауады сæргълæууæгы  къухдариуæгæй, Брюсселмæ  абон араст ис.

Визиты фæлгæтты хицауады сæргълæууæг  бæрзонд рангы фембæлдтæ ауадздзæн.

Гуырдзыстоны делегацийы сконды, кæцыйæн   премьер-министр Ираклий Гъарибашвили разамынд кæны,сты : вице-премьер, экономикæ æмæ  æнæфæцудгæ райрæзты министр  Леван Давиташвили, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  æмæ хицауады администрацийы  хистæр Реваз  Джавелидзе.