Ираклий Гъарибашвили – гуырдзиаг паддзахады тых, хицауады æмæ адæмы иудзинады ис, уырны мæ ацы иудзинад æппынфæстаг уæлахиздзинад æрхæсдзæн нæ бæстæйæн
Гуырдзиаг паддзахады тых растдæр хицауады æмæ адæмы иудзинады ис æмæ мæ уырны, цæмæй ацы иудзинад фæстагмæ уæлахиздзинад æрхæсдзæн нæ бæстæйæн, фыццаг октябры уæлахиздзинады æппынфæстаг нысан у бæстæ баиу кæнын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фыссы социалон хызагы.
Хицауады сæрдары дзырдæй, 2012 азы фыццаг октябры æвзрстытæ иууыл ног историйы иуæй-иу сеппæтæй нысаниуæгджын фæзындæй фестад.
«Гуырдзиаг адæм баууæндыд ацы историон уæлихаздзинады сæйраг сфæлдисæгыл, Бидзина Иванишвилийыл, кæцы демокративон фæивдта автократон, антинацион, адæмы æфхæрæг режим æмæ бындур æрывæрдта бæстæйы райрæзты бынтон ног этапæн. Æххæст ныфссасты æмæ æнæперспективæйæ уæвынч рæстæджы Бидзина Иванишвили баиу кодта æппæт дзыллæ æмæ адæмы ахæм консолидацидзинад гæнæн скодта нæ историйы фыццаг хатт хицаудзинады сабырæй алæвæрд. Абоны фæстæмæ куы акæсæм ацы уæлахиздзинады фæстиуджытæ цæстæйуынгæ æмæ рахатинаг сты – нæ политикон бал, хæдбардзинад ногæй рацаразыны фæстæ иунæг дæргъвæтин сабыр период æрлæууын кодта, ауагъдтам экономикон æмæ социалон реформæтæ, йæ къух сарызтам демократон институтты стынг кæнынæн, сарызтам нысаниуæгджын къахдзæфтæ гуырдзиаг адæмы историон тырнынады – Евроцæдисы уæнгсуæвыны æрдæм», – фыссы Гъарибашвили.
Иракъли Гъарибашвилийы фидиуæнæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» бал дарддæр кæны бæстæйы демократон трансформацийы. Æдасдзинады æмæ дзæбæхдзинады райрæзты процесс.
«Дарддæр кæнæм бæстæйы демократон трансформацийы, дзæбæхдзинады райрæзты процесс æмæ ноджы амбициондæр нысанмæ тырнæм. Æнæхъæн ацы рæстæджы дæргъы нын тых дæтты адæмы егъау æууæнк æмæ фарсдарын. Абон ноджы иу хатт мæ фæнды бузныг зæгъын «Картули Оцнебайы» алы уæнг æмæ фарсхæцæгæн, æнæхъæнæй нæ дзыллæйæн. Гуырдзиаг паддзахады тых растдæр хицауады æмæ адæмы иудзинады ис æмæ мæ уырны, цæмæй ацы иудзинад фæстагмæ уæлахиздзинад æрхæсдзæн нæ бæстæйæн. Фыццаг октябры уæлахиздзинады æппат фæстаг нысан у бæстæ баиу кæнын», – фыссы Гъарибашвили.