Ираклий Гъарибашвили - фыццаг рекомендаци у поляризаци кæрон скæнын, уымæ баххæссын та гæнæн нæй, оппозициимæ æмгуыстад куыннæ уа уæд, кæддæриддæр цæттæ стæм, уыдонæн дæр байгом кæнæм дуар, уа идуадзыг диалог
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, Евроцæдисы рекомендациты фылдæр нырид сыххæст сты æмæ Гуырдзыстоны парламент, хицауадимæ иумæ, стыр куыст сыххæст кодта.
Ираклий Гъарибашвили Австрийы федералон канцлеримæ, Карл Нехамер иумæйаг брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй, ацы процессы, æнæмæнгхъæугæ у оппозицийы бастдзинад дæр, уымæн æмæ фыццаг рекомендаци æххæсс поляризаци кæрон скæнынмæ, цæй сыххæст кæнын оппозициимæ æмгуыстадæй цух, гæнæн нæй.
«Тынг дзæбæх æмбарын, цæмæй ис бæрæг критеритæ æмæ æркуырдтæ, кæцытæ хъуамæ сыххæст кæнæм. Уый дзæбæх æмбарæм, уый у нæ бæрн. Нæ бал æнæхъæнæй, хицауад ацы бæрнæй, ахæм фæндæй кусы. Æххæст кæнæм уыцы рекомендацитæ, кæцыты дæр нын бавдыстой æмæ радæттой Гуырдзыстонæн. Фыццаг бонтæй райдыдтам активон кусын ацы темæйыл. Гуырдызстоны парламент сыххæст кодта стыр куыст ацы æрдгæй. Рекомендациты фылдæр нырид сыххæст сты. Баззадис ма дзы цалдæр рекомендщаци, кæцы æрвыст у Венецийы комиссимæ. Цæй зæгъын æй хъæуы, ам æнæмæнгхъæугæ у афтæдæр оппозицийы бастдзинад, уымæн æмæ дæнцæн, фыццаг рекомендаци у, кæцы æххæссы поляризаци кæрон скæнынмæ, уымæ баххæссын гæнæн нæй, кæд æмæ нæ уыдзæн оппозициимæ æмгуыстад, кæцыйы фæдыл нæ позици ахæм у – кæддæриддæр цæттæ уыдыстæм æмæ нырдæр стæм, цæмæй дуар бакæнæм уыдонæн дæр, уа иудадзыг диалог. Ацы диалог хъуамæ уа конституцион форматы», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.