Ираклий Гъарибашвили – Фыццаг январæй хицæн секторы фæллойгæнджытæн декретон улæфты суммæ, 1000 ларийы бæсты, 2000 лари суыдзæн
Фыццаг январæй хицæн секторы фæллойгæнджытæн декретон улæфты суммæ, 1000 ларийы бæсты, 2000 лари суыдзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, декретон улæфты фарста зæгъгæ проблематон уыд.
«Уый фæдыл парламенты дæр мæ куырдтой фарста алыг кæнын, уыдис нын уынаффæ æмæ ахицæн кодтам, ома хицæн секторы фæллойгæнджытæн декретон улæфты периоды, фæдывæр кодтаиккам æххуыс. Фыццаг январæй, 1000 ларийы бæсты, суыдзæн 2000 лари. Уæдмæ хъуыды кæндзыстут, цæмæй скхолайы ахуыргæнджыты цауы, нæ зæрдыл бадартам фæфылдæр æмæ иннæ азæй скъолайы ахуыргæнджытæ декретон улæфты рæстæджы æххæст мызд исдзысты. Ныри та хицæн секторы фæллойгæнджытæн дæр аскуыддзаг кодтам æмæ ацы æххуыс уыдзæн 2000 лари» – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.