Ираклий Гъарибашвили – фидиуæн ахæстоны а.х. имитацигонд бунты фæдыл у радон æлгъаг провокаци
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ Михеил Саакашвилийы адвокат Ника Гварамиайы фидиуæн ахæстоны а.х. имитацигонд бунты тыххæй, у абсурдон æмæ паникæ хæссæг. Гъарибашвили куыд хъусын кæны афтæмæй, «ай у Михеил Саакашвилийы къухбафыст æмæ радон провокаци».
«Æмбарæм сæ паникæ тауыны аххос. Бамбаринаг у, цæмæн аразынц айæппæт. Ацы иу къуыри нын уыдзæн ныттынггонд уавæр. Тынг бирæ абсурдон, паникæхæссæг брифнг ауад нæ хъустыл, фæлæ цæрджытæн мæ фæнды зæгъхын цæмæй сабыр уæд. Сабырæй байхъусæм сæ ацы дзæгъæлдзрдмæ» – райхъусын кодта Гъарибашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæрмæ дохтыртæ 24 сахатон режимы контрол кæнынц.
«Зонæм, развæлгъау информаци дæр нæм ис, цæмæй бацархайдзысты æнæхъæн ацы къуыри цæрджытæн æвдисой ацы лæгы æхормагдзинад æмæ уый кой кæндзысты. Ничи йын арæн кæны ацы лæгæн хæрын дæр æмæ æндæр. Уæлдай дæр йын ис æххæст комфорт, ахæм цахæм дæр хъуамæ уа кæцыфæнды ахæстæн, никæмæн ницы арæн кæнæм. Никуы Ницы æфсон сын ратдзыстæм, уымæн æмæ зонæм цы аразæм æмæ куыд аразæм нæ хъуыддаг.
Æххæстæй æргом процесс нын ис. Дохтырты 24 сахатон контроль нын ис, уымæ гæсгæ дæр хъуыды кæнæм, цæмæй ай у радон театрализацигонд архайд, кæцы афтæдæр крахæй фæуыдзæн» – райхъусын кодта Гъарибашвили.