Ираклий Гъарибашвили фембæлдис OSCE-ы сæрдар, Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Збигнев Рауимæ

14:34, 30.03.2022

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Европæйы æдасдзинады æмæ  æмгуыстады  организацийы  (OSCE)  архайæг сæрдар Польшæйы  Рпеспубликæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Збигнев Рауимæ  фембæлдис.

Премьер-министры  пресс-куысты  иснформацийæ,  фарсытæ  афæлгæстой  Украинайы  цæугæ  хæстон архæйдтыты  фæстиуæгæн регионы  сæвзæргæ   æдасдзинады æрдгæй  æртхъирæнтæ.

Премьер-министр ноджы иу хатт банысан кодта, ома Гуырдзыстон  солидарондзинад æвдисы  Украинайæн, æххуыс кæны бæстæйæн  гуманитаронæй  æмæ  йæ фарс хæцы   политиконæй, афтæма  алы  æхсæнадæмон  форматы.

Премьер бахахх кодта æхсæнадæмон  æмгарады иттæг нысаниуæгджын роль æмæ  архайадон къахдзæфтæ  хæсты  куыд гæнæн ис афтæ тагъд кæрон скæнынæн. Сæрмагонд хъусдард здæхт уыд  OSCE-ы сæрдариуæгы периоды  фидæнон  æмгуыстадимæ æмæ ацы контексты   регионалон   æдасдзинады  фарстатæм.  Ираклий Гъарибашвили  Збигнев Рауимæ  ныхасы  бахахх кодта  OSCE-ы  Польшæйы  сæрдариуæгы периоды  Гурдзыстоны территориты оккупацион фарста  бæрзонд æмвæзадыл   дарыны  нысаниуæг, афтæма OSCE-ы хайад  Женевæйы æхсæнадæмон  дискуситы процессы æмæ форматы  эффективонæй   спайда кæныны æмæ  рахатинаг фæстиуджытæм баххæссыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Польшайаг дипломат  ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндинад æмæ суверенитетæн, афтæма  бæстæйы европаг æмæ  евроатлантикон  интеграцийæн хъæддых фарсхæцын.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.

Хуыздæр