Ираклий Гъарибашвили – цæттæ стæм конструктивон диалогмæ
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили, хицауады рабадтыл 15-17-æм марты Брюселмæ плангонд визиты фæдыл фæныхас кодта.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, визиты фæлгæтты сырæздзæн фембæлдтæ, куыд Еврокомисы, афтæ дæр Евросоветы æмæ НАТО-йы.
«16-æм марты сырæздзæн Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоцирдзинады советы æхсæзæм фембæлд, кæцыйыл мах бавдисдзыстæм Гуырдызстоны евроопн интеграцийы фæндагыл, бæстæйы нсаниуæгджын прогресс æмæ реформæты реализацийы хъуыдтагы», – расидтис Гъарибашвили.
Уый ноджы иу хатт бузныг расидтис Евросоветы президент Шарль Мишелæн.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт бузныг раисдон евросоветы президент Шарль Мишелæн æмæ банысан кæнон, цæмæй стыр аргъ дæттæм йæ фарсылхæцындзинадæн, йæ бастдзинадæн нæ бæстæйы. Президент Мишелы бæрнон Кристиан Даниелсоны визитмæ Гуырдзыстонмæ та цы хауы, мах райгонд стæм йæ визиты фæдыл æмæ политикон диалогы хайадистæй. Афтæ дæр мæ фæнды бахахх кæнон, цæмæй цæттæ стæм адаргъ кæнæм конструктивон диалог. Мах хъусдардæй стæм Евросоветы рекомендацитæм, цæмæй тагъд рæстæджы опозици æмæ хицауад иумæйаг фæндаг ссарæм æмæ баххæсæм бадзырдмæ, цæмæй нæ парламент кусын райдайа. Мах хъуамæ фыццаджы дæр бахъахъхъæнæм нæ адæм æмæ бæстæйы интерестæ», – банысан кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.