Ираклий Гъарибашвили – Цæттæ дæн, оппозициимæ фембæлынмæ, бузныг Шарль Мишелæн ацы инициативæйы тыххæй
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ цæттæ у абон оппозициимæ фембæлын. Гъарибашвили Европаг Советы президентæн фембæлды инициативæйы тыххæй раарфæ кодта.
«Фæнды мæ дзуапп раттын Шарль Мишелы тынг дзæбæх инициативæйæн, кæцы æххæссы гæнæн фембæлдмæ, мæн æмæ оппозициимæ. Фæнды мæ æргомæй сбæлвырд кæнын – æз цæттæ дæн рацæуон æмæ хайад райсон фембæлды. Фæнды мæ цæттæдзинад сбæлвырд кæнын мæ балы номæй цæмæй алцыппæтсараздзыстæм, цæмæй конкретон къахдзæфтæ æрцæуа арызт дэескалацийæн æмæ реалон, конструктивон диалогæн. Фæнды мæ бузныг зæгъын ацы инициативæйы тыххæй цытджын президентæн», – райхъусын кодта Гъарибашвили.
Европаг Советы президент Шарль Мишель, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ иумæйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта, цæмæй абон изæр ацæуа фембæлд оппозици æмæ хицауады минæвæртты æхсæн.
«Хонын алы фарсы дæр, абон изæр фембæлæм, афон у фасилитацийæ ахизæм медиацимæ», – райхуъсын кодта Шарль Мишель.