Ираклий Гъарибашвили америкаг сенатортыл æмæ конгресментыл фембæлд
Ираклий Гъарибашвили америкаг сенатортыл æмæ конгресментыл фембæлд
Гуырдызстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили америкаг сенатортиыл æмæ конгесментыл фембæлд, кæцытæ Гуырдызстоны сенаты æттаг æмахастыты комитеты уæнгы сенатор Крис Кунсы къухдариуæгæй сты бæстæйы.
Фембæлдыл хъусдард сцырын ис Гуырдызстон æмæ АИШ-ы стратегион партнерадыл, кæцы иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ интерестыл у бындурæвæрд. Банысан кодтой, цæмæй делегацийы визит у АИШ-ы, куыд Гуырдызстоны сæйраг стратегион партнеры тыхджын фарсылхæцындзинады сбæлвырд у.
Премьер-министр делегацийы уæнгтæн сбæлвырд кодта цæттæдзинад æмкуыстдзинады фæдыл, цæмæй ноджы фæтыхджын уа партнерад, куыд хихъахъæнады сферайы, афтæ дæр базарадон –экономикон æмæ инвестицион къуымæй. Ираклий Гъарибашвили банысан кодта, цæмæй Гуырдызстон уыд æмæ уыдзæн АИШ-ы ныфсджын партнер регионы æмæ регионы фæлгæтты дæр.