Ираклий Гъарибашвили   ахуырады  ног министры  абон   бавдисдзæн
Ираклий Гъарибашвили ахуырады ног министры абон бавдисдзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  ахуырады æмæ  зонæдты ног министры абон   бавдисдзæн.

Уый фæдыл  информаци, Гуырдзыстоны  хицауады  администрацийы  стратегион коммуникациты  департаменты   хистæр  Нино Гиоргобиани публикаци кæны социалон  хызаджы.

Хицауады  админстрацийы рабадт абон 14:00 сахатыл ацæудзæн.

Ахуырады министры  пост, 2019 азæй  абоны онг ахста  Михеил Чхенкели.

Ахæлиугонд  информацийæ,   ахуырады  æмæ  зонæдты министры постыл  Михеил Чхенкелийы  фæивдзæн   Гиорги  Амилахвари.  Амилахвари  2021  азæй  Гуырдзыстоны парламенты ахуырады æмæ   зонæдты  комитетæн   къухдариуæг кæны.