Ираклий Гъарибашвили æмбæстæгтæн 100 мин гуырдзиаг хъизæмаргæнæгы номарæн боны фæдыл арфæ кæны
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æмбæстæгтæн 100 мин гуырдзиаг хъизæмаргæнæгы номарæн боны фæдыл арфæ кæны.
Хицауады сæрдар куыд банысан кодта афтæмæй, 13 ноябр алы гуырдзиагæн, дины, иудзинады, фыдыбæстæйæн сæруæлдайдзинады бон у.
«13 ноябр алы гуырдзиагæн, дины, иудзинады, фыдыбæстæйæн сæруæлдайдзинады бон у – зæгъæн ис 800 азы рацыд уыцы бонæ, 100 мин гуырдзиаг, сæрмагонд цард куы снывонд кодтой дин бахъахъхъæнынæн.
Историйы зын у бацагурын мидæгон хъæддыхдзинады æмæ дины иудзинад ахæм диссæг равдыст. Растдæр не стыр историйы ахæм цæвиттонтæй у гуырдзиаг идентондзинад, удон хæзнатæ, фидар кæны нæ дин æмæ фыдыбæстæйы уарзондзинад.
Арфæ уын кæнын ацы стыр бæрæгбоны фæдыл.
Æнусон кад нæ кадджын æхсарджынтæн!» – банысан кодта премьер-министр Ираклий Гъарбашвили.