Ираклий Гъарибашвили  адæймаджы барты Европаг   тæрхондоны  преиздент  Роберт Спаноимæ  фембæлд
Ираклий Гъарибашвили адæймаджы барты Европаг тæрхондоны преиздент Роберт Спаноимæ фембæлд

Гуырдзыстоны  æмæ Европаг   тæрхондоны æхсæн  фæстиуæгджын  æмгуыстады  фарстатæ æмæ  уæвæг   æмгуыстад ноджы фæарфдæр кæныны  перспективæтæ  уыд  епремье-министр Ираклий Гъарибашивлийы æмæ адæймаджы барты  Европаг   тæрхондоны  президент   Роберт Спанойы  фембæлды  сæйраг  æркæсинаг  фарстатæ.

Фембæлдыл банысан ис, цæмæй  2022 азы 31 марты   уавæрæй,   Евротæрхондоны Гуырдзыстоны фæдыл  120-ы онг  хъаст æркастысты, кæцы историонæй  сеппæтæй  ныллæг бæрæггæнæн у.  10 азы размæ  евротæрхондоны, æркæсинаг  хъастыты  нымæц  3000-4000 уыдис.  Премьер-министры дзырдæй,   Евротæрхондоны   статистикон  бæрæггæнæнтæ националон æмвæзадыл  адæймаджы барты  хъахъхъæды   нысаниуæгджын    рæзт  æвдисæг у  æмæ Страсбургы  тæрхондоны  куырдиæтты  нымæцы цырд æмæ виппайды  фæкаддæр  Гуырдзыстоны  хицауад фæстаг азьы  цы  æнтыстджын реформæтæ  ауагъдта,  уый фæстиуæг у.

Фембæлдыл афтæдæр бахахх кодтой  адæймаджы барты европаг тæрхондоны  историон  уынаффæ, кæцы   сбæлвырд кодта, Уæрæсейы æрдгæй Гуырзыстоны Абхаз æмæ Цхинвалы регионты  оккупаци æмæ эффективон   контролы æххæсткæнынад.  Ираклий Гъарибашвили  ноджы иу хатт сбæлвырд кодта  конфликты  аскуыддзагы  сабырадон политьикæмæ Гуырдзыстоны  хицауады иузæрдыгдзинад.