Ираклий  Гъарибашвили – ацы къуырийы рахæсдзытæм уынаффæтæ, кæцытæ нæ прогнозæй, нысаниуæгджынæй фæккъаддæр кæндзысты æргътæ  медикаменттыл
Ираклий Гъарибашвили – ацы къуырийы рахæсдзытæм уынаффæтæ, кæцытæ нæ прогнозæй, нысаниуæгджынæй фæккъаддæр кæндзысты æргътæ медикаменттыл

Нæ дзырдлæвæрд  сыххæст, азартон хъæзтыты фарста бæстæйы аскуыддзаги.  Парламентæн ноджы иу  хатт бузныг, æмбæлгæ  закъон  кæй  райста, уый тыххæй, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   райхъусн кодта хицауады рабадтыл.

Премьер афтæдæр   фæныхас кодта  медикаментты  æргъты  фæдыл  æмæ банысан кодта, ома ацы фарстайыл   цæугæ  къуырийы  хаст уыдзæн бæрæг уынаффæтæ.

«Ноджы иу  дзырдлæвæрд, кæцы айзæлын кодтам медикаментты  тыххæй –   ацы  темæйыл цæугæ  къуырийы   рахæсдзыстæм уынаффæтæ, кæцытæ, нæ прогнозмæ гæсгæйæ,     нысаниуæгджынæй   фæкъаддæр кæндзысты  медикаментты  æргътæ.  Фармацевтон базары  хыгъдлæвæрд цæттæ у, конкуренцийы  агентад  йæ  куыст  фæцис.  Ног министр  нырид фембæлдис   конкуренцийы агентады къухдариуæггæнæгимæ.   Иумæ сплан кодтой   дарддæры мадзæлттæ.   Афтæма хъавæм, фегом кæнæм Турчы базар,  Туркæйы  æрцæуа  бæрзонд гъæды  медикаменттæ, кæцы нæ прогнозæй  хостыл  æргътæ фæасламдæр кæндзæн.

Уымæй уæлдай ма,  бакусдзыстæм закондæттынадыл, кæцы ноджы  фылдæр фæхуыздæр кæндзæн уавæр  ацы  æрдгæй», –   райхъусын кодта Ираклий  Гъарибашвили.