Ираклий Гъарибашвили – Абон  Азербайджанимæ  нæ фæнды  уа нын иттæг дæргъвæтин  стратегион  партнерад
Ираклий Гъарибашвили – Абон Азербайджанимæ нæ фæнды уа нын иттæг дæргъвæтин стратегион партнерад

Ильхам Алиевимæ  фембæлдыл нын уыд ныхас  базарад-экономикæйы  фарстаты фæдыл, афæлгæстам энергетикæйы, транспорты.   Логистикæйы  фарстатæ, Азербайджан у  иуæй-иу  ставд базарадон партнер Гуырдзыстонæн,  топ-фондзы æхсæн вæййы  алы аз.  Ацы  аз   базарад  райрæзтис 15%-æй, фарондæр  нын уыд  тынг   рекордон   афæдз, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр   Ираклий Гхарибашвили  Азербайджаны  президент Ильхам Алиевимæ  иумæйаг брифингыл  райхъусын кодта.

Гъарибашвилийы дзырдæй,  Гуырдзыстон  дарддæр кæны  Азербайджанимæ  дæргъвæтин  стратегион партнерад.

Гъарибашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстон зæгъгæ координацигондæй  кусы Азербайджанимæ  æмæ Хъазахимæ Астæу Къæлидоры  райтынгы проектыл.

«Мах афтæдæр  райдайæм ног  порты, Анаклиайы  порты арæзтад, фæстаг фазæйы  фæуды  фæстæ, порты уадзынхъомад уыдзæн  100 милуан  тоннæ.  Афтæма  тынг   тагъд  фæуыдзæн  хурыскæсæн-хурныгуылæны  тагъдцæуæн  магистралы арæзтад. Алы ацы  проекты  æмкуыст кæнæм Азербайджанимæ. Уыимæ ма  ноджы цалдæр мæймæ фæуыдзæн историон, стратегион нысаниуæгы проект, Баку-Тбилис-Хъарсы  проект, кæцы  æнтыстджынæй  цæуы. Махæн ис тынг рухс  перспективæ, нæ  цæстæнгас у  дæрдтыл хъуыдыгæнæг.  Азербайджанимæ нæ  фæнды  тынг дæргъвæтин  стратегион  партнерад æмæ  хæларад. Нæ иумæйаг цæстæнгасы  ныфс мæ ис», –  райхъусын кодта Гъарибашвили.