Ираклий Гъарибашвили - 4 июл æнæрмæст америкаг адæмæн, фæлæ ма æнæхъæн демократон дунейæн у сæрибардзинады, демократийы æмæ иумæйаг хæзнатæм иузæрдыгдзинады символ
Зæрдиагæй арфæ кæнын нæ стратегион партнерæн, АИШ-æн æмæ хæлар америкаг адæмæн хæдбарады 246-æм азы сæр, – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæны.
Премьер куыд банысан кодта афтæмæй, 4 июл æнæрмæст америкаг адæмæн, фæлæ ма æппæт демократон дунейæн у сæрибардзинады, демократийы, нæ иумæйаг хæзнатимæ иузæрдыгдзинады символ.
«30 азон дипломатон ахастыты дæргъы, арфдæр кæнæм партнерад АИШ-имæ, зæгъæн ис, алы сферæйы æмæ алы æрдæм.
АИШ-ы æнæцудгæ фарсхæцын нæ бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад хъахъъхæдады, Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы, бæстæйы демократи фидар кæныны, иргъæфхъомад тнг кæныны, экономикон райрæзты æрдгæй тыхджын кæны Гуырдзыстоны. Гуырдзиаг адæм кæддæриддæр арфæгæнæг уыдзæн ацы æххуысы тыхæхй.
Гуырдзыстон фидæны дæр адарддæр кæндзæн нæ иумæйаг хæзнатæн æмæ фидар партнерадимæ иузæрдыг уын.
АИШ æмæ хæлар америкаг адæмæн нæ зæрдæ зæгъы æппæты хуыдæр фæндтæ, сбардзинад æмæ фарн. 4 июл Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæм нæ америкаг хæлæрттимæ иумæ бæрæгбон кæнæм!» – дзырдæуы Гъарибашвилийы фидиуæны.