Ираклий Гъарибашвили – 2021 азы нын уыд дыууæнысанон экономикон рæзт
Ираклий Гъарибашвили – 2021 азы нын уыд дыууæнысанон экономикон рæзт

2021  азы  нын уыд дыууæнысанон   экономикон рæзт, –   уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр   Ираклий Гъарибашвили  хицауад рабадтыл  райхъусын кодта.

Премьер куыд   банысан кодта афтæмæй, цыр экономикон  рæзынад   хицауадæн ратта  фадат,  нысаниуæгджынæй  фæхуыздæр кодтаит  сæйраг фискалон  параметртæ.

«Цырд  экономикон  рæзт нын ратта  фадат, нысаниуæгджынæй  фæхуыздæр кодтаиккам  сæйраг фискалон  параметртæ, сæрмагондæй  та:  æмтгæйон мидпродуктмæ гæсгæйæ,   хицауады   хæс, 60,1%-ы бæсты  50%-ы  онг  фæкъаддæри;  иугонд бюджеты  дефицит,  сæрыфыццагæй,   плангонд   7,6%-ы бæсты, фæкаддæр   æмтгæйон мидпродукты  6,1% -ы онг; афтæмæй ноджы мæ  иу хатт зæгъын фæнды  хатдзæгæн, цæмæй 2021  азы  нын уыд дыууæнысанон  экономикон рæзт», –   райхъусын кодта  Ираклий Гъарибашвили.