Ираклий – гæды ныхас у, сымах куы сидут цæмæй рекламон базар бынмæ цæуы æмæ фæуромут ацы темайыл ныхас
Ираклий – гæды ныхас у, сымах куы сидут цæмæй рекламон базар бынмæ цæуы æмæ фæуромут ацы темайыл ныхас
Ираклий Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ, алы фарстытæ гæнæн ис суой, касты темæйæ, фæлæ сæйраг у цæмæй Гуырдзыстон ма бауа тыхбын политикъон аргъ бафидын, националон иннтересты зианæн, уый нымæцы территорион æнæхъæндзинады ногæй рацарæзты фæдыл.
«Нæ сæйраг рард у, батагъддæр кæнæм НАТО-мæ интеграцийы темптæ. Нæ алы къахдзæф, кæцы уыдзæн арызт ацы æрдæм, уыдзæн æмгуыстады æмæ консультациты бындурыл нæ сæйраг стратегион партнертимæ æмæ нæ стратегион националон интересты банымадæй. Бахъæудзæн нæ дискусси нæ партнертимæ. Махæн ис националон приоритеттæ æмæ ацы приоритеттæ, аккаг бавдыст уыдзысты не скуыддзæгты мидæг.
Алы фарстытæ гæнæн ис суа касты темæйæ. Нæ сæйраг приоритет у территорион æнæхъæндзинады ногæй рацарæзт. Ацы приоритет æмæ мысан ногæй æркаст никуы æрцæудзæн. Аууæлтæм гæсгæ та гæнæн ис сырæза æркаст. Сæйраг у, цæмæй мах батагъддæр кæнæм НАТО-мæ интеграци æмæ уый хъуамæ сыххæстæуа нæ националон интересты нымадмæ исгæйæ.
Ахсджиаг у уый æмæ мах ма бауæм тыхбын политикъон аргъ бафидын нæ националон интересты зианæн, уый нымæцы территорион æнæхъæндзинадмæ гæсæ. Цæттæ стæм æркæсæм цыфæнды инициативæтæ, кæцытæ батагъддæр кæндзысты НАТО_йы мах уæнгсуæвын» – расидтис Ираклий Къобахидзе.
Журналисты фарстæн, – зæгъгæ Бухаресты ссаммиты 10 азы сæрыл, цы этапыл ис зæгъгæ Гуырдзыстон НАТО-имæ ахастыты, парламенты сæрдар загъта, цæмæй фæстаг 10 аз у, Гуырдзыстонæн НАТО-имæ ис къуындæг æмкуысткæнынад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, альянсы уæнгсуæвын батагъд кæнынæ Гуырдзыстон æххæст кæны реформæтæ.