Ираклий Чиковани бабæрæг кодта сæрмагонд операциты, авиацийы æмæ уæлдæфон хъахъхъæнынады командæты арæзтадон куыстытæ
Ираклий Чиковани бабæрæг кодта сæрмагонд операциты, авиацийы æмæ уæлдæфон хъахъхъæнынады командæты арæзтадон куыстытæ

 

 

 

Хъахъхъæнынады министрады бæрнонтæ Мухрованийы спецоперациты командæйы арæзтцæуæг æфсæддон базæ бабæрæг кодтой.

Гуырдзыстоны хихъахъæнады тыхты æфсæддон базæты хæрзарæзтад æмæ инфраструктурон куыстытæ тæккæ тæмæны цæуынц. Гуырдзыстоны хихъахъæнады министр, Ираклий Чиковани, хихъахъæнады тыхты командæгæнæг, инæлар-лейтенант Гиоргий Матиашвилиимæ иумæ, цалдæр бынаты цæугæ куыстытæ бабæрæг кодта  æмæ арæзтады этапты фæдыл деталон информаци райста.

Министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй казармæты, ахуырадон корпусты, рейнджерты скъолайы, хæрæндоны, лазареты, бирæвæрсыг спортивон фæзы, машинæты æрлæууæны, æвæрæнты, вертолетты, котельнæты арæзтад, стæй мидæггагон æмæ æддагон цалцæггæнæн куыстытæ, зæгъæн ис, æмæ кæронмæ æрхæццæ сты.

«Æввахс рæстæджы райдайдзæн хæрзарæзтады дыккаг этап, кæцы у мидæггагон коммуникацитæ æмæ территорийы æрæвæрд.Сæрмагонд операциты командæйы нырыккон стандартты центрмæ хауы 24 ног бæстыхайы æмæ 3 зæронд бæстыхайы реабилитаци.Проекты фæуды фæстæ центр уыдзæн сæрмагонд оперативон командæгæнæг æмæ хъахъхъæнынады командæгæнæджы ног бынат. Хъахъхъæнынады тыхтæ басгæрстой авиацийы æмæ уæлдæфон хъахъхъæнынады командæйы ног бынаты цæугæ куыстытæ. æмæ æддаг территорийы фæхуыздæр кæнын», -ис фыст рапарахатгонд информацийы.