Гуырдзыстоны минæвар НАТО-йы Ираклий Бераиа НАТО-йы генералон нымæрдар Марк Руттеимæ фембæлд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Минитсрады информацийæ, Гуырдзыстоны минæвар альянсы генералон нымæрдарæн йæ æууæнкдзинады гæххæттытæ бавдыста.
«Фембæлдыл, фарсытæ НАТО-Гуырдзыстоны æмкуыстдзинады фæдыл фæныхас кодтой.
Гуырдзыстоны минæвар бахахх кодта Гуырдзыстоны ролы нысаниуæгдзинад регионалон æдасдзинады æмæ генералон нымæрдарæн бузныг расидтис альянсы фидар фарсхæцыны тыххæй Гуырдзыстоны суверенитет æмæ територион æнæхъæндзинадæн.
Марк Рутте раарфæ кодта Ираклий Бераиайæн минæвары бынатмæ снысан æмæ йæ куысты æнтыстытæ йæ цæст бауарзта» – ис фыст министрады расидæны.