Ираклий Бераиа - Гуырдзыстон æнæмнгæй суыдзæн НАТО-ы уæнг, нæ хæс у, ацы уынаффæ куыд гæнæн ис афтæ афтæ цыбыр æмæ æмбаргæ æмгъуыдты сыххæстæуа
Гуырдзыстоны парламенты ногæвзæрст сæрдарШалва Папуашвилийы фыццаг кусæн визит Брюсселы, НАТО-ы штаб-хæдзары сæххæст уыдзæн.
Шалва Папуашвили абон делегациимæ иумæ, кæцыйы сконды сты Гуырдзыстоны парламенты хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Ираклий Бераиа, æддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе æмæ фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Лаша Дарсалиа, хайад райсдзæн НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы (NGC) рабадты .
Парламенты сæрдар дзырдæй ралæудзæн НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадтыл. Визиты фæлгæтты ацæудзæн фембæлд альянсы генералон нымæрдары хæдивæгимæ.
Гуырдзыстоны парламенты парламенты хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сардар, Ираклий Бераиайы фидиуæнæй, зæгъгæ парламенты сæрдары фыццаг официалон визитæн альянсы штаб-хæдзармæ ис символон миниуæг, кæцы бæлвырд кæны НАТО-мæ интеграцийы нысаниуæгимæ приоритетондзинад.
«Ацы визит, кæй зæгъын æй хъæуы, фемдзыд ис уыцы нысаниуæгджын фæзындтимæ, ома НАТО-ы æмцæдисонтæ æмæ аспиранттæ иуæймагæй куы архайынц уыцы æртхъиран фæуромын, кæцы цæуы Уæрæсейы Федерацийæ, кæцыйæн йæ нысан у, фæткæвæрдыл бындурæвæрд æхсæнадæмон сæрфадæн йæ бын ракъахын. Нæ партнертимæ иумæ нын уыдзæн иттæг нысаниуæгджын дискусси ацы фарстаты фæдыл.
Кæй зæгъын æй хъæуы, визитæн ис сæрмагонд нысаниуæг. Гуырдзыстон у альянсы сегасдæр æмбынатин аспирант партнер паддзахад, кæцыйæн альянсимæ ис сæрмагонд æмгуыстад, куыд политикон, афтæ практикон цæстæнгасæй, кæцы абоны онг æрхæццæ рæстæджы максимуммæ. Бухаресты саммиты уынаффæ у, ома Гуырдзыстон æнæмæнгæй суыдзæн НАТО-ы уæнг æмæ нæ хас у, цæмæй ацы уынаффæ, куыд гæнæн ис, афтæ цыбыр æмæ æмбаргæ æмгъуыдты сыххæстæуа», – райхъусынкодта Ираклий Бераиа.