Ираклий Антадзе -Цънелисы пост ис Чорчана, Цънелис æмæ Цъагъвлы æхсæн, посты сывæрды нысан æнææмбаргæ у, уый у централон хицауады контролгонд територийыл
Ираклий Антадзе -Цънелисы пост ис Чорчана, Цънелис æмæ Цъагъвлы æхсæн, посты сывæрды нысан æнææмбаргæ у, уый у централон хицауады контролгонд территорийыл
Эргнеты инцидентты превенци æмæ уыдоныл реагирдзинадыл механизмы фембæлд фæцис.
Фембæлды фæуды фæстæ ПæК-ы аналитикон департаменты сæрдары хæдивæг Ираклий Антадзе журналисттимæ ныхасы рæстæджы расидтис, бакасты æрмæг уыд Чорчанайы территорийыл уæвæг уавæр æмæ уыцы æнæзаконон архайдтытæ, кæцытæ знонæй даргъ кæныц.
“Мах сбæлвырд кодтам фембæлды хайадисджытæн, цæмæй стандартон полицийы пост у æрмæст уый тыххæй, цæмæй бынатыл æххæст кæна стабилондзинад. Афтæ дæр бахахх кодтам, цæмæй алы архайд, кæцы ис снысангонд территорийыл, уый у æдасдзинады тыгъдады хæлдæн. Ноджы иу хатт æркуырдтам, цæмæй алчи дæр йæхи бахиза ахæм архайдтытæй”, – расидтис Ираклий Антадзе.
Ираклий Антадзе афтæ дæр фæныхас кодта Цънелисмæ æввахс уæвæг цаутыл.
“Окупацион хахх дих кæны территори, кæцыйыл æххæст кæны централон хицауады контрол уыцы територийæ, кæцыйыл централон хицауады контрол нæ æххæст кæны. Алыхуызон активондзинад, кæцы гæнæн ис æмæ бынатыл ситуацийы эскалаци сиды, у контрпродуктивон къахдзæф”, – расидтис Антадзе.
Фарсытæ кæрæдзийыл иу къуырийы фæстæ, 13-æм сентябры, фембæлдзысты.